Нæ зынаргъ,рæсугъд сылгоймагтæ !
Нæ зынаргъ,рæсугъд сылгоймагтæ ! 8 Мартъийы бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын! Ǽрдз сылгоймаджы рæдауæй схайджын кодта зæрдæхæлардзинады, фæллойуарзондзинады, фæразондзинад æмæ хæрзаудæндзинады миниуджытæй. Амфамбылай дуне уды тавсæй хъарм кæнгæйæ, сылгоймаг фæлдисы æмæ хъахъхъæны æппæты стырдæр хæзнатæ-къонайы æмæ бинонты фарн; сылгоймаджы фæрцы цард дарддæр цæуы.Зæххыл мадæй хæстæгдæр адæймаг кæй нæй,уымæ гæсгæ бæрæгбоны сæйраг арфæтæ - мадæн! Зынаргъ сылгоймæгтæ! Бæрæгбоны хорзах уæ уæд! Мæ зæрдæ уыд зæгъы æнæниздзинад,уарзондзинад ,сабырдзинад æмæ фæрныгад! Уадз æмæ уæ бæллицтæ иууылдæр рæсугъдæй сæххæст уæнт! Фарн æмæ бæркад - уæ хæдзæртты!
08:03 08.03.2026 16+