18+
Специальная версия
Рекламный баннер 990x90px header-top
Рекламный баннер 990x90px header-bottom

Æз дӕн Ирыстоны хъӕбул

Æз дӕн Ирыстоны хъӕбул
 
Хуымӕллӕджы астӕуккаг  скъолайы ӕнтысджынай ацыдис ӕхсӕнадон ӕзмӕлд «Иудзинад»-ы хъӕппӕрисӕй арӕзт конкурс-ӕркаст «Ирон дӕн ӕз».
Ирыстон канд ӕгъдау ӕмӕ культурӕйӕ хъӕздыг нӕу, ис ма йын тынг бирӕ бындур-аив ӕмӕ домбай рӕзгӕ фӕсивӕд, кӕцытӕй у сӕрыстыр.
Æркаст-конкурсмӕ цы ӕрыгон лӕппутӕ ӕрбацыд, уыдон царды мидӕг кӕнынц фыццаг къахдзефтӕ, фӕзминагӕй равдыстой сӕхи. Сты ахуыры раззагдӕртӕ, ӕгъдауӕй, ӕфсармӕй хайджын. Сӕхи бацӕттӕ кодтой, сӕ ахуыргӕнджытӕ сӕм тынг зӕрдиагӕй фӕкастысты ӕмӕ сын стыр бузныг зӕгъӕм.
Нӕ лӕппутӕ ирд ахорӕнтӕй равдыстой нӕ рагфыдӕлты рӕсугъд, ӕнӕмӕлгӕ ӕгъдӕуттӕ. Базонгӕ нӕ кодтой куыд зонынц ирон мадӕлон ӕвзаг, равдыстой сӕ хъарутӕ, сӕ арӕхстдзинад кафынӕй ӕмӕ зарынӕй.
Æркасты жюрийы уӕнгтӕ кӕронбӕттӕны фехъусын кодтой ерысдзаутӕй чи цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ бынӕттӕ райста, уыдон:
1 бынат – Джимиты Тамерлан, Фарны хъӕуы астӕуыккаг скъолайы 11 къласы ахуырдзау, ахуыргӕнӕг Хуытъинаты Маринӕ;
2 бынат – Сугъаты Алан, Беслӕныхъӕуы 8-ӕм астӕуккаг скъолайы 11 къласы ахуырдзау, ахуыргӕнӕг Дзуццаты Анжелӕ;
3 бынат – Тыбылты Георги, Ольгинскӕйы астӕуккаг скъолайы 10 къласы ахуырдзау, ахуыргӕнӕг Хъараты Фатимӕ.
Æркаст-конкурсы архайджытӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕ хорзӕхгонд ӕрцыдысты «Иудзинад»-ы Кады гӕххӕтытӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕй.

Æз бузныг дӕн Хуыцау ӕмӕ фыдӕлтӕй:
Кӕй дӕн ирон, мӕ цӕрӕн ам кӕй ис,
Æрвылбон дӕр сыгъдӕг цъӕх-цъӕхид арвыл
Тӕмӕнтӕ калгӕ хуры фӕд кӕй ис.
18:16 06.12.2025 16+
442
Выбор редакции
Рекламный баннер 990x90px footer-top